Ды бафæлвар [Try Everything] [Dy bafælvar] [Transliteration]

Songs   2024-11-30 12:08:22

Ды бафæлвар [Try Everything] [Dy bafælvar] [Transliteration]

Фæрæдыдтæн æз, иу тохы фембылдтон

Рæдыдтæн нæй кæрон æрлæууæн дæр нæй.

Æз хаудтæн бынмæ, зæххыл мæхи цæвгæ

Ныр та кæнын лæугæ мæ къæхтыл.

Мæргътæ дзæгъæл нæ тæхынц,

Куы рхауой, уæддæр сыстынц.

Нæй цард цæрæн æнæ рæдыдтæй, зон.

Гæнæн мын нæй, мæн фæнды цæрын

Цалынмæ у мæ бон, размæ æз цæуын.

Кæд исты нæ уайа, уæддæр ногæй бавзардзынæн

Бафæлвардзынæн алцыдæр, цы зайа.

Гæнæн мын нæй, мæн фæнды цæрын

Цалынмæ улæфон, размæ æз цæуын.

Æз дардтæр фæлварын, æз алцыдæр бавзардзынæн

Мæ зæрдыл цы рухс нысæнттæ дарын.

Ды бафæлвар, ды бафæлвар

Ды бафæлвар

Кæс куыд дард тырныс, дæ зæрдæ цинæй дзаг

Æдзухдæр уыдзынæ фыццаг куы нæ тæрсай.

Дæхи бахъахъхъæн, нæй махæн тагъд кæнæн.

Фæстаг куы уай, уæддæр дæ фæндаг раст.

Гæнæн мын нæй, мæн фæнды цæрын

Цалынмæ у мæ бон, размæ æз цæуын.

Кæд исты нæ уайа, уæддæр ногæй бавзардзынæн

Бафæлвардзынæн алцыдæр, цы зайа.

Гæнæн мын нæй, мæн фæнды цæрын

Цалынмæ улæфон, размæ æз цæуын.

Æз дардтæр фæлварын, æз алцыдæр бавзардзынæн

Мæ зæрдыл цы рухс нысæнттæ дарын.

Æз рæдыддзинадæй нæ тæрсын

Цард æнæ рæдыдтæй уыдзæн зын

Æз нæ тæрсын.

Ды бафæлвар, ды бафæлвар

Ды бафæлвар

Ды бафæлвар.

Zootopia (OST) more
  • country:United States
  • Languages:Polish, Ukrainian, Persian, Chinese+6 more, Hindi, Ossetic, Tamil, English, Korean, Japanese
  • Genre:Soundtrack
  • Official site:
  • Wiki:https://en.wikipedia.org/wiki/Zootopia
Zootopia (OST) Lyrics more
Excellent Songs recommendation
Popular Songs
Artists
Songs